ЦЫКУРАЙЫ ФÆРДЫГ

    Цыппурсы мæйы 10-æм бон Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы арæзт æрцыд 3-аг Републикон конкурс «Цыкурайы фæрдыг». Ацы аз мадзал баст æрцыд театры азимæ.

    Архайдтой дзы нæ республикæйы районты æмæ хъæуты скъолаты цы чызджытæ ахуыр кæнынц, уыдон. Раздæр уал сæ сæрæндзинад равдыстой сæхи районты, стæй та уæд сæ хуыздæртæ рацыдысты республикон æмвæзадмæ.  Бацæттæ кодтой презентацитæ, равдыстой дзы сæ мыггаг, кæнæ хъæу сæрыстыр кæмæй сты, уыдоны тыххæй æрмæджытæ.

    Турниры сæйраг хæслæвæрды  чызджытæ æвдыстой ирон чъиритæ кæнынмæ куыд рæвдз æмæ сæрæн сты, уый.

    Нæ республикæйы курдиатджын чызджыты сфæлдыстадон куыстытæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ. Уыдон уыдысты Цæгат Ирыстоны сылгоймæгты Советы минæвæрттæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ æмæ республикæйы зынгонд артисттæ.
    Жюрийы уæнгтæ мадзалы домæнтæм гæсгæ бæрæг кодтой, чызджыты сæ зонындзинæдтæ канд фæрстыты фæрцы нæ, фæлæ ма сæ мыггаджы истори чи куыд зоны, уымæ гæсгæ дæр. Уымæй уæлдай рабæрæг кодтой, хæринаг кæнынмæ арæхстджындæр чи у, уый.

    Жюрийы уæнгтæ, фыццаджыдæр, кастысты чызджытæн сæ зонындзинæдтæм. Мадзалы алы къæпхæнæн дæр кодтой раст хатдзæгтæ.

    Чызджытæ равдыстой сæ арæхстдзтырнындзинад, сæйраг дæр та уый у æмæ зæрдæйы цæхæрæй кæй архайдтой. Жюрийы уæнгтæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй нæ республикæйы бирæ курдиатджын сывæллæттæ ис.

    Чызджытæ  цавæрдæр рæстæджы дæргъы сæхи цæттæ кодтой конкурс «Цыкурайы фæрдыг»-мæ.

    Кæй зæгъын æй хъæуы скъодадзаутæн хи цæттæ кæнынмæ æххуыс кодтой хистæртæ дæр. Сæ фарсмæ æрбаллæуыдысты сæ ныййарджытæ æмæ ирон взаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ. Базонгæ сæ кодтой Ирыстоны къультурæимæ, сæ рагфыдæлты равзæрды историйымæ. Уыдонæй уæлдай ма сын раргом кодтой Ирон рагон фынджы сусæгдзинæдтæ.
Мадзалы мидæг уазджытæн æмæ скъоладзаутæн  йæ къулинарон дæсныйад равдыста техникумы ахуыргæнæг Кæбысты Мæдинæ. Бавдыста сын куд кæнын хъæуы рæссугъд æмæ хæрзад  адджын гуылтæ.

    Ахæм сфæлдыстадон ерысы бындурæвæрæг у Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы директор Æбиты Валерий. Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас», æхсæнадон змæлд «Иудзинад» æмæ сылгоймæгты комитетимæ æмгуыст кæнгæйæ, Валерий йæ кусджытимæ сарæзта æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй чызджытæ сæ зонындзинæдтæ æмæ сæ арæхстдзинад бæстонæй равдисой, уый тыххæй.

    Зæгъæн ис æмæ архайджыты хсæн цæттæ зарæггæнджытæ æмæ актертæ дæр кæй уыдис: Уалыты Альберт, Седжынаты Элита, Хадыхъаты Алла, Дзуццаты Сослан.

    Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой зынаргъ лæвæрдтæй.

ВИДЕО

https://www.youtube.com/watch?v=J0LIu32oO_Q

https://www.youtube.com/watch?v=XfbsEEjK6B0

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

image

Обратная связь

Ваш e-mail
Сообщение
Введите код